Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон сбæрæг кæндзысты Мæскуыйы дæр
Ирон литературæйы бындурæвæрæджы райгуырды 160 аз сбæрæг кæндзысты Мæскуыйы дæр. Аивадон изæр сараздзысты Стыр театры сценæйыл. {ЗКД} Кадджын мадзалы бацархайдзысты сфæлдыстадон коллективтæ æмæ зындгонд артисттæ нæ республикæйæ дæр. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг, нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Дзанайты Барис. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Мæскуыйы мадзал арæзт æрцæудзæн 28-æм октябры. Æрбахондзысты ма йæм культурæ æмæ аивады зындгонд кусджыты, стæй æндæр кадджын уазджыты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон сбæрæг кæндзысты Мæскуыйы дæр
Категория:
Новости и СМИ