Беслæны кæронмæ фæхæццæ кæны дондзæуæн хызæгты рацарæзт

Беслæн донæй цы хæтæлтæ æххæст кодтой, уыдон базæронд сты. Ивд нæ уыдысты 60 азæй фылдæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй куыстыты рæстæг зындзинæдтæ дæр сæвзæрд. Ног хæтæлтæ сты полиэтиленæй арæзт. Сæ куыст 100 азæй къаддæр нæ кæндзысты. Цалцæг райдыдта дыууæ азы размæ. Ныридæгæн сног кодтой дондзæуæн системæйы 150 километры. Сæйраг хызæгтæ цæттæ сты. 8 километры та равæрдтой къæвдайы дон æмбырдгæнæнтæ. Ныртæккæ специалисттæ доны хæтæлтæ уадзынц бирæуæладзыгон хæдзæрттæ æмæ административон бæстыхæйттæм. Æдæппæтæй куыстыты архайы 13 бригады æмæ сæрмагонд техникæйы 40 иуæджы. Беслæны доны фарста ног нæу. Цæрджытæ иу зæронд хæтæлты аххосæй æнæ донæй арæх баззадысты. Ййæфтой къуылымпыдзинæдтæ, уæлдайдæр сæрдыгон, зæгъынц цæрджытæ. Егъау куыстытæ цæуынц «Уæрæсейы цæрджытæн коммуналон лæггæдтæ фæхуыздæр кæнын æмæ сæ æнцовадат цæрæнбынæттæй сифтонг кæнын»-ы программæйы фæлгæты. Дондзæуæн хызæгтæ баивынæн радих кодтой миллиард сомæй фылдæр. Куыстытæ цæуынц нысангонд æмгъуыдæй раздæр. Фæуындвæнд сæ кæнынц майы райдиан.

Иконка канала IRYSTONTV
1 459 подписчиков
12+
22 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии