Цымыдисаг балц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Донецкæй уазджытæ æрфысым кодтой Ирыстоны. Сты æвзонг спортсментæ. Нæ республикæйы сты æртæ къуырийы, æмæ се `нкъарæнты дзæкъулы бынат нал баззад. Сывæллæттæ цæрынц алæмæты æрдзы хъæбысы, уый сын сæ тыхыл тых æфтауы. Абон та сын сарæзтой Дзæуджыхъæуыл экскурси. Сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Уæвгæ, сæйрагдæр уый у, æмæ рæстæгмæ сармадзанты нæрын æмæ нæмгуыты `хситт кæй нал хъусынц. Нæ уацхæссæджы æрмæг равдисынмæ мах дæр цæттæ стæм. Автоматтæ æмæ бомбæты гæрæхтæй дард. Донецкы сывæллæттæ дæрддзæф сты ахæм мыртæй. Сæ фæстаг бонтæ ‘рвитынц хъæлдзæгæй. Тынг æхсызгон сын у, рудзгуытæй сæм нæмгуыты къæр-къæр кæй нæ хъуысы. Цытæ бавзæрстой, уый сын сæ зæрдæттæ сриссын кæны. Цæгат Ирыстоны сын сæ уды хъæдгæмттæ бадзæбæх кодтой. Æдас ран кæнынц тренировкæтæ, тезгъо кæнынц æрдзы хъæбысы, сæ цæстытæ нæ исынц Ирыстоны алæмæты æрдзæй. Сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты ирон чъиритæ, куыд кæнгæ сты, уый сын равдыстой. Абон та Дзæуджыхъæуыл æрзылдысты. Сæ цин баиу лæппутæй иуы гуырæн бонимæ. Æнæмæнг, ахæм цау æнæбафиппайгæ нæ баззад. Хъæлдзæгæй йыл сæмбæлдысты. Экскурси сын сарæзтой республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзар. Георгий Кочиев: «Бафыстам Донецкы ирон адæмы диаспорæ Аланы хуыйны. Уыдонимæ бафыстам ахæм договор кæдонæй мах кæрæдзимæ цæудзыстæм, кæрæдзийæн цыдæр æндæр мадзæлттæ ххуыс кæндзыстæм. Мæ мах уыдыстæм Томискы, кæм уылæфынц уырдæм, ацыдыстæм нæ иннæ адæм хæддыты минæвæрттимæ, мæ цын уым раарфæ кодтам». Цæмæй сывæллæттæ Ирыстонмæ æрбафтой, уый тыххæй бирæ тыхтæ бахардз кæнын бахъуыд. Тынг бацархайдта Битарты Вячеслав дæр. Ирыстоны цардысты Тæмисчъы санаторийы. Æркастысты сæм дохтыртæ. Æдæппæтæй нæ республикæйы фесты æртæ къуырийы. Донецкы ирон адæмы æхсæнады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ нæм фæстаг хатт не `рцыдысты. Баныхас кодтой адæмты хæлардзинады бынæттон хæдзаримæ ноджы æнгомдæрæй кусын. Хъуамæ адæмы ахастытæ кæной фидардæр. Бæззаты Эльбрус из Донбасса: «Æркодтам немæ сывæллæтты уылæфынмæ, мæ ам тынг дзæбæх балæггад кодтой сывæллæттæн. Стыр бузныг амы хистæртæн, стыр бузныг президентæм Битаровæн кæй ‘рхуыдта сывæллæтты. Мæ дарддæр дæр кæд æрхуыной, уæд иу мах алы хаттдæр ссæудзыстæм». Ахæм улæфæн рæстæг сын пайда уыдзæн. Спортсментæ ног тыхтимæ ацæудзысты хæдзармæ. Фæнды сæ райгуырæн зæхмæ, фæлæ Ирыстон дæр бауарзтой. Йæ нывтæ йын цæрæнбонтæм сæ зæрдыл дардзысты. Сывæллæттæ ма Цæгат Ирыстоны уыдзысты 6 боны. Фендзысты Фыййагдон æмæ Цъæй. Балц аразджыты ныхæстæм гæсгæ, алцыдæр афтæ скæндзысты, цæмæй ма уазджыты инна аз дæр ардæм æрцæуын бафæнда. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Цымыдисаг балц

Категория:

Новости и СМИ