Йæ бæллиц сæххæст
Ног азы бæллицæй рауад стыр хорзæх. Цæгат Кавказы Федералон зылды Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Александр Матовников сæххæст кодта нæ республикæйы цæрæг сабийы бæллиц. 13-аздзыд лæппу йæ курдиат ныууагъта æппæтуæрæсеон акци "Елка желаний", зæгъгæ, ууыл. Сывæллон тох кæны йæ низимæ, уый тыххæй йæ бахъæуы Анапæйы дельфинаримæ цæуын. Ныр Александр Матовниковы æххуысæй сывæллонæн йæ бон у Цæгат Кавказы æндæр дельфинаритæм дæр ацæуын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, заз бæласы сæ бæллицтæ, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæ кæй ныууадзынц. Александр Матовников ма лæппуйæн балæвар кодта тезгъо кæнынæн коляскæ дæр. Йæ фæрцы сывæллонæн уынгмæ цæуæн уыдзæн æнцондæр æмæ æдасдæрæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ бæллиц сæххæст
Категория:
Новости и СМИ