Зæрдиаг лæвæрттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Музыкалон ансамбль «Сайдана» Лескены хъæуы йæ арæхстдзинад æмæ дæсныйад бæрзонддæр кæны. Ныр сæм ис музыкалон инструменттæ, тагъд сын бахуыйдзысты цухъхъатæ æмæ разгæмттæ. Раздæр сын ракаф-бакафæн фадæттæ нæ уыд. Уавæр куыд æмæ цæй руаджы аивта, уый базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Лескены культурæйы галуанæй фæндыры зæлтæ дардмæ хъуысынц. Хъæуы ансамблæн балæвар кодтой музыкалон инструменттæ. Цæмæхъуаты Миланæ скъолайы фæстæ зæрдиагæй азгъоры культурæйы хæдзармæ. 4 азы ахуыр кæны фæндырæй цæгъдыныл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, раздæр сæ галуаны музыкалон инструменттæ нæ фаг кодта. Мæй размæ Лескены кусæг балцимæ уыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Хъæуы цæрджытимæ фембæлд æмæ сын сæ курдиæттæм байхъуыста. Адæм хъаст кодтой, сæ ансамбль цæуыл цæгъдой, уый сын кæй нæй. Культурæйы бæстыхай сног кодтой. Бындурон цалцæггæнæн куыстытæ фесты фарон. Раздæр сæм уыдис æрмæстдæр балалайкæтæ, ныр зынгæ фæхъæздыгдæр сты. Националон музыкалон инструменттæй сæм суанг хъисын фæндыр дæр ма фæзынд. Ансамбль «Сайдана»-йы къорды ис 40 адæймаджы. Æппæты кæстæрыл цæуы 5, хистæрыл 17 азы. Æрæджы ам уыдысты хуыйджытæ Дзæуджыхъæуæй. Æвзонг артисттæй барæнтæ систой æмæ иу мæйы фæстæ сывæллæттæн бахуыйдзысты национ уæлæдарæс. Хъæуы амбулаторийæн та абон балæвар кодтой компьютер. Рынчынты хыгъд раст фæткмæ гæсгæ аразынæн техникæ нæ фаг кодта. Ныр дохтырты уаргъ фенцондæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Зæрдиаг лæвæрттæ

Категория:

Новости и СМИ