Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд аппаратон æмбырд
Медицинон æххуысмæ республикæйы ковид-стационартæм чи æрбацæуы, уыдоны нымæц 7,4% фæкъаддæр. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды регионалон управленийы разамонæг Тыбылты Алан. Ковид-госпитальты пациентты нымæц та фæкъаддæр 9,2%. Уый ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ. Фæлæ уавæр нырма у зæрдæхсаинаг. Æмбырды ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Дзæуджыхъæуы 48-æм скъола кусы фæткмæ гæсгæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахуыргæнæндоны 3-æм декабры зынгсирвæзт кæй æрцыд. Уый хыгъд Сергей Меняйло уæлдай æргом аздæхта скъолатӕ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады домæнтæм. Регионы разамонæг дзуапдæттæг ведомствæтæн бабар кодта, цæмæй ахуыргæнæндæтты уавæр сбæрæг кæной. Æмбырды архайджытæ ма се 'ргом аздæхтой — тарнспорты эвакуацийы фарстамæ. Республикæйы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы ныртæккæ хæдтулгæтæн ис æрмæст иу сæрмагонд æрлæууæн. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг хӕдтулгӕты ӕрдӕууӕнты нымæцыл бафтдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv