2024 азы Цæгат Ирыстоны базилдзысты 39 ахсæнадон бынатмæ
Дзæуджыхъæуы сæйраг парк афтид никуы вæййы. Райсомæй дзы фембæлæн ис спорты архайджытыл, сихорыл дзы сывæллæттæ фæтезгъо кæнынц, куысты фæстæ дзы бирæтæ сæхи фæирхæфсынц. Изæрыгон та дзы цæрджытæ æрвитынц сæ фæлладуадзæн рæстæг. Зæрдæмæдзæугæ æмæ æнцонвадат. Парчы райрæзтыл архайынц æппынæдзух. Аразынц дзы алыхуызон хъæзтытæн фæзуæттæ, хиирхæфсæн мадзæлæттæн бынæттæ. Кусынц тезгъо кæнынмæ рæсугъд æмæ цымыдисаг маршруттыл. Фæстаг азты горæты парк йæ хуыз скалдта. Дзæуджыхъæуы сæйраг парк рацарæзтой «Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны» федералон проектмæ гæсгæ. Нæ регионы йæ æххæст кæнынц 5 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ базылдысты 186 æхсæнадон бынæтмæ æмæ 422 кæртмæ. Объекттæ цæрджытæ сæхæдæг равзарынц. Ацы аз сбæрæг кæндзысты 2025-æм аз цы бынæттæм базилдзысты, уыдон. Ацы азмæ объекттæ нысангонд æрцыдысты. Сты 39. Ныридæгæн цæттæ кæнынц дизайн проекттæ æмæ проектон-хыгъдон гæххæттытæ. Куыстытæ фæуынвæнд кæнынц декабры кæронмæ.