Ивгъуыд боны кæрон фæкъуыхцы Дзæуджыхъæуы аэропорты куыст
Ивгъуыд боны кæрон фæкъуыхцы Дзæуджыхъæуы аэропорты куыст. Стæхæн-æрбадæн фæзыл митхæццæ къæвда кæй ныссалд, уый аххосæй Мæскуыйæ рейсытæй иу арвитын бахъуыд Минводмæ. Хъуамæ Беслæны æрбадтаид изæры авд сахатмæ `ввахс. Фæлæ сыхаг регионмæ кæй атахт, уый тыххæй Дзæуджыхъæумæ фæхæццæ æрмæстдæр æмбисæхсæвы. Мæскуымæ уыцы хæдтæхæгæй фæстæмæ чи цыд, уыдон уыцы рæстæг æнхъæлмæ кастысты сæ рейсмæ. Кæддæр-уæддæр хæдтæхæгмæ бафтыдысты. Ацы кадртæ дæр бæлццæттæй иу систа. Куыд нын радзырдта, афтæмæй Дзæуджыхъæуæй изæры 8 сахаты бæсты афæндараст сты æхсæвы 2-æм сахаты `рдæгыл. Мæскуымæ та сæ хæдтæхæг фæхæццæ райсомы 5-æм сахаты райдиан. Æмткæй райсгæйæ, рейс ныффæстиат 6 сахатмæ `ввахс. Æнæхъæн фæндаг, зæгъы, авиакомпанийы минæвæрттæ хатыртæ куырдтой бæлццæттæй. Авиацион фæткæвæрд куыд амоны, афтæмæй адæмы æххормагæй нæ ныууагътой. Цæмæй сын сæ зæрдæтæ балхæной, уый тыххæй та бæлццæттæй алкæмæн дæр балæвар кодтой фондзсæдæгай бонусы.