Туг тыхджын у

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цымыдисаг æрдзон æмæ историон цыртдзæвæнтæ фенынмæ. Рæсугъд æнкъарæнтæ райсынмæ æмæ дæ фыдæлты зæхх хуыздæр базонынмæ. Ахæм нысанимæ дунейы алы бæстæты цæрæг ирæттæ ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Ам сын республикæйы нациты хсæн ахастдзинæдты министрады хъæппæрисæй ныр 4-æм аз байгом кодтой этнолагерь. Уазджытæн сараздзысты фембæлдтытæ политиктимæ, æхсæнадон архайджытимæ æмæ кадджын хистæртимæ. Лагеры программæмæ гæсгæ сæ ахуыр кæндзысты ирон чъиритæ кæнын æмæ кафын. Иннæ бæстæты минæвæрттæ ууыл тынг цин кæнынц, уæлдайдæр та сын Ирыстоны рæсугъд кæмттæ кæй равдисдзысты, ууыл. Дунейы алы бæстæты минæвæрттæ æппæты фыццаг бабæрæг кодтой Хохы Саниба. Ацы хъæуæн хъæздыг истори ис æмæ йæ базонын алкæмæн дæр цымыдисаг у. Форумы архайджытæй иунæг ныхас дæр нæ ирвæзы. Тынг цымыдисагæй хъусынц рагон таурæгътæм æмæ кадджытæм, алыхуызон цаутæм. Уыцы иу рæстæг сæ къамтæ исынмæ дæр зивæг нæ кæнынц. Уæвгæ ма кæм сæмбæлдзысты æхæм æвидигæ æрдзон рæсугъддзинæдтыл. Сæхæдæг куыд зæгъынц, сæ хæдзæрттыл куы сæмбæлой, уæд сæм бирæтæ хæлæг кæндзысты. Аланты зæхх кæй бабæрæг кодтой, уый тыххæй. Сæ фылдæр Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт сты. Йæ кой йын хъуыстой, йæ зындгонд минæвæртты тыххæй зонынц, фæлæ йæ хи цæстæй фенын - фыццаг хатт. Анна Дживаева: «Ме нкъарæнты тыххæй куы дзурон, уæд мæхи тынг амондджыныл нымайын. Æнæкæрон, зæгъæн дæр ын нæй, афтæ. Хъыгагæн æмæ мæ амондæн фыццаг хатт дæр ам. Хъыгагæн, уымæн æмæ уал азы мæ бон никуы баци Ирыстонмæ ссæуын. Амондджын та уымæй æмæ кæддæр никæд мæ къухы бафтыд. Стыр бузныг ацы хъуыддагыл чи бацархайдтæ, чи йæ æрхъуыды кодта. уыдонæн. Æз иу ран уый бæрц рæсугъддзинæдтæ никуы федтон. Æрдз дæр, адæм дæр. историон æвдисæнтæ дæр - алцыдæр тынг цымыдисаг æмæ рæсугæд у. Бæллыдтæн Аланты зæхх фенынмæ æмæ ныр мæ бæллиц сæххæст». Проект «Аланты фæд» кусы 4-æм аз. Азæй -азмæ йæ архайджыты нымæц фылдæр кæны. Этнолагеры кой айхъуыст бирæ бæстæтыл æмæ бирæты фæнды Цæгат Ирыстонмæ ссæуын. Сæ фылдæр сты дунейы алы бæстæты цæрæг ирæттæ. Джан æмæ Эмре Туркæй ссыдысты. Сæ цæхæр цæстытæм кæсгæйæ, бæрæг у Ирыстоны сæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыд. уый. Уый бæрц æнкъарæнтæ сæм ис æмæ куыд фæзæгъынц, сæ хуылфы дæр нæ цæуынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæстæмæ цæуын, фæндгæ дæр нæ кæны. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ бинонтæ хъахъхъæдтой сæ истори. Фыдыбæстæмæ уарзондзинад та сæ дзадзинты ис. Цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц се взаг. Мадæлон ирон æвзаг. Турк, Гуырдзыстон, Казахстан, Свердловы облæст, Пермь - форумы географи уæрæх у. Уæлдай æхсызгон та уый у æмæ этнолагеры архайджыты æрбангом кодта ИРОН æвзаг. Фæсивæд ныридæгæн дæр балымæн сты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ се хсæн фæзынд, цавæрдæр бастдзинад. Раст цыма хиуæттæ сты, уыйау. Æрмæст иу бонмæ этнолагеры архайджытæ уыдысты Хохы Санибайы, Хъæрмæдоны, Дæргъæвсы, Фыййагдоны. Хæстæгдæр бонты ма бабæрæг кæндзысты Дыгургом æмæ Мæздæджы район. Изæры та, фæткмæ гæсгæ æрбаддзысты цадджын фынгты уæлхъус æмæ сараздзысты хъазтизæр. Æмæ та, рагзаманты куыд уыд, афтæ кæмттыл айхъуысдзысты фæндырдзагъ æмæ адæмы къухæмдзæгъд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Туг тыхджын у

Категория:

Новости и СМИ