Хуыздæртæ сбæрæг сты
Республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрад, йæ бæрны цы организацитæ ис, уыдоны `хсæн сбæрæг кодтой хуыздæрты. Министрад ахæм æркастытæ æрвылаз саразы. Ацы хатт конкурсы архайынмæ сæ гæххæттытæ балæвæрдтой 24 кусæндоны. Сæ арæхстдзинад æвдыстой 5 номинацийы. Сæрæндæрты `хсæн жюрийы уæнгтæ сбæрæг кодтой хуыздæрты. Уæлахиздзауты Кады гæххæттæй æмæ бузныджы ныхæстæй схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуыздæртæ сбæрæг сты
Категория:
Новости и СМИ