Уæрæсейы бæрæг кæнынц Сталинграды тохы уæлахизы 81-æм азы бон

Дыккæгæм дунеон хæсты цыд чи фæивта, уыцы æфсæддон быцæу. Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Сталинграды тохы уæлахизы 81-æм азы бон. Ахсджиаг цауы фæдыл цæрджытæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Горæт немыцаг фашисттæй бахъахъхъæныныл архайдтой ирон фæсивæд дæр - 5 мин æфсæддонæй фылдæр. Инæлар Плиты Иссæ разамынд лæвæрдта 3-æм гвардион кавалерион корпусæн. Уый хъæбатырæй архайдта знаджы æфсæддон уацары райсыныл. Советон Цæдисы фидæны хъæбатыр, инæлар-лейтенант, Дзæуджыхъæуы 5-æм скъолайы рауагъдон Билаонты Павел дæр хъæбатырæй тох кодта Сталинграды бын. Уæззау цæф фæци, фæлæ дарддæр тох кодта полчы хыгъды. Сталинграды тохы архайдта Советон Цæдисы хъæбатыр, артиллерист Карсанаты Хъазыбег. Фæстæдæр Советон Цæдисы хъæбатыртæ систы - артиллерист Тогызты Хъауырбег, танкист Александр Мнацаканов, тæхæг Чочиты Василий. Æхсæг Сæлбиты Владимиры та фронты хабархæссæг фæрæзтæ схуыдтой "Сталинграды хъæбатыр". Орджоникидзейы фистæгæфсæддон училищæ та Сталинграды тохмæ арвыста курсантты батальон. Курсантон ротæтæй иуæн разамынд лæвæрдта фидæны инæлар-майор Дзылыхты Михаил. Хъæбатырæй сæхи равдыстой 19-аздзыд политрук, æрыдойнаг лæппу Томайты Дзантемыр, танкист Гериты Михаил Дигорайæ, политрук Фриаты Агуыбечыр Беслæнæй æмæ фидæны ирон фыссæг, Алагиры районы Ходы хъæуæй Хъайтыхъты Азæмæт. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта, Сталинграды тохы уæлахиз кæй сси фыццаг стыр къахдзæф Советон адæм нацисттыл кæй фæуæлахиз сты, уым.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
20 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии