Кусынмæ гæппæввонг!
Дзæуджыхъæу, Махачкала æмæ Ессентуки бахаудысты, куысты бынæттæ Цæгат Кавказы æппæты фылдæр кæм фæзынд, уыдоны номхыгъдмæ. Фыццаг бынатмæ рацыд Стъарапол. Интернет-сайт «Хэдхантер» куыд хъусын кæны, афтæмæй 2018-æм азы æртæ квартАлмæ Цæгат Кавказы фæзынд куысты 53 мин бынаты. Уый раздæры уыцы `мгъуыдимæ абаргæйæ у 82 проценты фылдæр. Иртæстытæм гæсгæ, тæккæ фылдæр кусæг адæм хъæуынц базарады къабазы. Уымæй уæлдай ма адæмы агурынц куыстадон, арæзтадон æмæ административон къабæзты дæр. Уыимæ куысты иу бынатмæ сæ бæттæнтæ тонынц 6 адæймагæй. Ахæм бæрæггæнæн тæккæ ирддæр нæу æгас бæстæйы, фæлæ Цæгат Кавказæн хорзыл нымад у. Иучысыл рогдæр уавæр у зонад, ахуырад, транспорт æмæ логистикæйы къабæзты. Ам иу бынатмæ тырнынц 3-йæ 5 адæймаджы онг. Резюметæ æгæр бирæ кæм сты, уыдонмæ та хауынц юридикон дæсныйæдтæ æмæ менеджмент. Уыцы куысты бынæттæ сæ фыны уынынц 8 адæймагæй 14-ы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кусынмæ гæппæввонг!
Категория:
Новости и СМИ