Цæгат Ирыстоны 4 мин адаймагæй фылдæр архайдзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны 4 мин адаймагæй фылдæр архайдзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæны. Æххæст бæрæггæнæн иртасгæйæ, фæлварæнмæ курдиат балæвæрдтой 4164 адæймаджы. Уыдонæй 3 604 - сты ацы азы рауагъдонтæ. 188 - профессионалон астæуккаг ахуырадон уагдæтты ахуырдзаутæ, 303 - ивгъуыд азты рауагъдонтæ, 21 - ивгъуыд аз аттестаттæ чи нæ райста, уыдон. Хуссар Ирыстоны минæвартæ та сты 48. Æнæмæнг раттын кæй хъæудзæн, уыцы фæлварæнтæ сты математикæ æмæ уырыссаг æвзаг. Уыдонæй хорз бæрæггæнæнтæ ахаддзысты ахуырады æвдисæндар райсыны хъуыддагыл. Æппæты парахатгонд, куыд раздæр, афтæ у уырыссаг æвзагæй фæлварæн. Курдиæттæ балæвæрдтой 3 918 архайæджы, математикæмæ та 2145. Ис ма дзы профилон математикæ дæр, уый ныффысын сфæнд кодтой 1 698 рауагъдоны. Скъоладзаутæ фылдæр æвзарынц æхсæнадзонынад. Ацы аз æй ратдзысты 2 580 адæймаджы. Дарддæр цæуы истори - 1494, биологи - 1187 æмæ хими - фысдзысты 892 адæймаджы. Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрады консультант Реуазты Анжелæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахуырадон предметты номхыгъд 1-æм февралæй фæстæ аивæн ис æрмæстддæр ахсджиаг уавæртæ хынцгæйæ, хъуамæ фидаргонд уой документæй дæр. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн цæудзæн 23 нысандгонд бынаты, иууылдæр ифонг сты хъæугæ кусæнгæрзтæй. Фæлварæнмæ сæ цæст дардзысты æхсæнадон архайджытæ дæр, цæттæ сæ кæнынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Пъланмæ гæсгæ, иумæйаг паддзахадон фæлварæны рагагъоммæйы афон уыдзæн 20-æм мартъийæ - 13-æм апрелмæ. Уæлæмхасæн та 4-æй - 22-æм сентябрмæ. Рагагъоммæ къæпхæн райдайдзæн географи æмæ литературæйæ. Сæйраг - географи, литературæ æмæ информатикæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны 4 мин адаймагæй фылдæр архайдзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæны

Категория:

Новости и СМИ