«Мамысон»-ы арæзтады проектон документаци цæттæ уыдзæн 2020 азы
Курорт «Мамысон»-ы арæзтады проектон документаци цæттæ уыдзæн 2020 азы райдиан. Æрмæстдæр ма хъæуы Сæйраг паддзахадон экспертизæйы хатдзæг. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев. Хæххон инфраструктурæйы проектон-сметон документацийæн ацы аз рахай кодтой 100 милуан сомы. Пъланмæ гæсгæ документацийы цæттæдзинад къухты хъуамæ уа 15 февралы - фæнысан кодта Чеботарев. Министры ныхæстæм гæсгæ, курорты арæзтадæн 2020 азы Уæрæсейы федерацийы бюджетæй рахай кæндзысты 1 млрд сомы. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ декабры райдиан Цæгат Ирыстоны хицауады хæдивæг Фадзайты Æхсарбег куыд загъта, афтæмæй курорты арæзтадæн бахъæудзæн 15 млрд 600 милуан сомы, уыдонæй 6 млрд 400 милуан сомы бюджетон фæрæзтæ, 9 млрд 200 милуан сомы та бахардз кæндзысты инвестортæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Мамысон»-ы арæзтады проектон документаци цæттæ уыдзæн 2020 азы
Категория:
Новости и СМИ