Дзæуджыхъæуы рацараздзысты сывæллæтты сфæлдыстады галуан
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта сывæллæтты сфæлдыстады галуан. Республикæйы уæлæмхасæн ахуырады егъаудæр уагдоны сфæлдыстадон, спортивон æмæ техникон къордты архайынц 3 мин 500 сывæллоны. Се 'хсæн, йе нæниздзинад кæмæн фӕцудыдта, ахæмтæ дæр. Бæстыхай сарæзтой 1973 азы. Уæдæй абонмæ бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Дзанайты Барис æркаст кусæн уаттæм, федта сывæллæттæ цы уавæрты архайынц, уый. Кæд хицауад сфæлдыстадон галуанмæ йæ цæст дары, уæддæр дзы ис, æвæстиатæй цы фарстатæ аиуварс кæнын хъæуы, ахæмтæ. Фыццаджыдæр, объектæн хъæуы баивын йæ сæр. Базилын хъæуы æмбырдты залмæ. Заууат уавæры ис техникон системæ дæр. Цалцæг кæнинаг у спортивон зал. Сæйрагдæр та - бæстыхай сифтонг кæнын хъæуы зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады системæйæ. Республикæйы хицауады сæрдарæн дзуапдæттæг министры хæстæ рӕстӕгмӕ æххæстгæнæг Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй æппæт мадзæлттæ дæр нысангонд æрцыдысты проектон-хыгъдон гæххæттыты. Ныридæгæн документ экспертизæ ацыд. Проекты аргъ у 113 милуан æмæ 500 мин сомы. Уыдонæй 105 милуан æмæ 500 мин сомы рахай кодтой федералон бюджетæй, иннæ фæрæзтæ та ратдзæн республикæ. Ацы æхца фаг сты объекты рацарæзтæн. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй бæстыхай сифтонг кæндзысты хъæугæ кусæнгæрзтæй. Ацы хъуыддаг баххæст кæндзысты уæлæмхасæн ахуырады райрæзты программæйы гранты фæрæзтæй. Куыстытæ фæуыдзысты дыууæ азмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv