Æдасдзинады фарстатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

8 лет назад

Æнæнхъæлæджы уавæры фарстатæ аиуварс кæнын æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ домæнтæ æххæст кæныныл ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбырды.  Фыццаджыдæр æрдзырдтой хъæутæ æмæ горæттæ, уæлдайдæр та бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, æрдзон зынгсирвæзстытæй бахъахъхъæнынæн цавæр мадзæлттæ арæзт цæуынц, ууыл. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хицауы хæдивæг Дзанайты Павел куыд радзырдта, афтæмæй бæстыхæйттæм бацæуæтнæ фылдæр хатт вæййынц æхгæд. Арæхдæр хæдтулгæты тыххæй. Уый та къуылымпы кæны сæрмагонд техникæйы куыст. Уымæй уæлдай ма бирæуæладзыгон хæдзæртты зынгсирвæзтыты ныхмæ домæнтæ куыд æмбæлы, афтæ не ххæст кæнынц. Æмбырды архайджытæ рахастой уыцы фарста цыбыр рæстæгмæ алыг кæныны уынаффæ . Уæрæсейы Федерацийы Хицауады сæрдары хæдивæг Алесандр Хлопонины хъæппæрисæй, æрæджы сарæзтой басгæрст - Дзæуджыхъæуы администраци зынгсирвæзтыты ныхмæ домæнтæ куыд æххсæт кæнынц, уый базоныны тыххæй. Хъыгагæн, хъæндзынæдтæ бирæ рабæрæг ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æдасдзинады фарстатæ

Категория:

Новости и СМИ