Кусджытæн, гæнæн ис, æмæ фæзына фæсаууонмæ кусыны бар рынчындоны сыф исыны бæсты
Кусджытæн, гæнæн ис, æмæ фæзына фæсаууонмæ кусыны бар рынчындоны сыф исыны бæсты. Закъонмæ гæсгæ ацы ногдзинад сфидар кæныныл ныридæгæн архайд цæуы. Уый тыххæй хъусын кæны Паддзахадон Думæйы фæллой, социалон политикæ æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл Комитеты сæрдар Ярослав Нилов йæ Telegram-каналы. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй кæд кусæг цæттæ у йæ хæс фæсаууонмæ æххæст кæнынмæ, уæд ын ахæм бар хъæуы раттын. Фæлæ уый хъуамæ арæзт æрцæуа барвæндонæй, стæй куыстдæттæгимæ баныхас кæнгæйæ. Уыимæ ма уавæр специалисты æнæниздзинадыл хъуамæ æвзæрырдæм ма сахада. Уый руаджы кусæг йæ мызд нæ фесафдзæн, организацийæн дæр йæ куыст нæ фæкъуылымпы уыдзæн.