Хетæджы бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

33 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

33 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

33 просмотра

8 лет назад

Æгас Ирыстон сбæрæг кодта æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу - Хетæдж ы дзуары бæрæгбон. Хетæджы къохмæ нæ республикæйы алы районтæй æрбамбырд сты мингай адæймæгтæ. Суанг ма Хуссар Ирыстонæй дæр. Ацы кадджын бæрæгбонмæ бацæуын йæ хæсыл банымадта Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Зарджытæ, кæфтытæ - бæрæгбоны мадзæлттæ цыдысты суанг изæрмæ. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат дæр дзы архайдта æмæ йын дæттæн ныхасы бар. Æртæ чъирийы, æртæ фæрсчы æмæ ирон бæгæны. Хистæр кувы Стыр Хуыцаумæ. Æгас Ирыстонæн куры сабырдзинад, кæстæртæн æнæниздзинад æмæ зæххон хорзæхтæ, Хетæджы бон у нæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Алы аз дæр кувæндоны æрæмбырд вæййынц мингай адæймæгтæ. Ацы бон дæр Хетæджы къохмæ адæм æрæмбырд сты республикæйы алы кæмттæй. Алчи дæр æрбахаста йе ртæ кæрдзыны, мысайнæгтæ æмæ скуывта Уастырджимæ. Таурæгъмæ гæсгæ ацы æнусон бæлæстæ бирæ азты размæ бамбæхстой Хетæджы йе знæгтæй. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд, фæлæ Хетæджы бон ныр дæр у национ сæйраг бæрæгбæттæй иу. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ, кæддæр Хетæгæн цы бæлæстæ баххуыс кодтой, уыдоныл андзæвгæйæ, банкъарæн ис удæнцойдзинад æмæ уæларвон тых. Уымæ гæсгæ æрбакæнынц сывæллæтты дæр. Уымæн æмæ уыдонæй аразгæ у фидæн. Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иумæ, Хетæджы къох цæттæ кæнын райдыдтой дзæвгар раздæр. Æркарстой кæрдæг, сцæттæ кодтой фæндаг. Бæрæгбонмæ æрцæттæ кодтой нывонды кусæрттæгтæ. Ацы стыр бæрæгбоныл кæд иууылдæр æнувыд сты, уæддæр бирæтæ сбыцæу вæййынц. Хетæджы дзуары бон кæцы хуыцаубон бæрæг кæнын хъæуы, уый тыххæй. Чи йæ фыццаг хуыцаубон бæрæг кæны, чи - дыккаг. Хетæджы бон уæддæр кæд бæрæг кæнын хъæуы, уый зын зæгъæн у. Фæлæ сæйрагдæр уый нæу, зæгъы Иры Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан. Хъуамæ Хетæджы къохмæ адæм цыфæнды бон дæр цæуой сыгъдæгзæрдæйæ. Кувинæгтæн сæ фылдæр хай æмбæлы фæстæмæ хæдзармæ æрбахæссын. Цæмæй дзы бинонтæ иууылдæр саходой. Сыгъдæг бынатмæ карз нозт хæссын не мбæлы. Дзуары бынатмæ сылгоймæгтæ хъуамæ цæуой куыд æмбæлы афтæ, æгъдаумæ гæсгæ. Уæлдай дæр сæрбæттæнты. Хъæды, дзуары алыварс та дзыллæттæ уæдмæ бацыдысты нæртон симды. Хетæджы къохмæ, зырæджы уылæнтæм æмæ къахфындзтыл кафтмæ æрбамбырд сты сæдæгай адæймæгтæ. Кувæн бынаты уыди Хуссар Ирыстоны делегаци дæр, сæ сæргъы президент Бибылты Анатолий, афтæмæй. Ацы кадджын бæрæгбонмæ бацæуын йæ хæсыл банымадта нæ Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Куыд алы аз дæр, афтæ ацы бон Хетæджы къохмæ æрбацыд мингай адæм канд республикæйы районтæй нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионтæй дæр. Лæгты Дзуарæй курынц, кæддæр Хетæгæн цы æххуыс бакодта, бахъуаджы рæстæг ахæм æххуыс. Уый ацы бон йæ хæсыл банымадта алы ирон адæймаг дæр, кæмфæнды куы цæра, уæддæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хетæджы бон

Категория:

Новости и СМИ