Цæмæй сæ хъыуды кæной
Дзæуджыхъæуы 4-æм гимназы дæр уыд мысæн мадзал. Скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ сарæзтой акци «Мысæн цырагъ». Æрымысыдысты, 14 азы размæ террористтæ кæуыл нæ бацауæрстой, уыдоны. Скъоладзаутæн радзырдтой Бесланы уыцы сау бонты тыххæй. Дзырдтой терроры ныхмæ æмæ, йемæ куыд тох кæнæн ис, ууыл. Акци аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæ хъæуынц фæлтæры раст хъомыладæн. Сæйрагдæр та, цæмæй 2004-æм азы цаутæ историйы арфы ма аныгъуылой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæмæй сæ хъыуды кæной
Категория:
Новости и СМИ