Æппæты хъуыстгонд дæр брендыл 2018 азы Цæгат Ирыстоны нымад æрцыдысты ирон чъиритæ
Æппæты хъуыстгонддæр брендыл 2018 азы Цæгат Ирыстоны нымад æрцыдысты ирон чъиритæ. Дыккаг бынат бацахста националон парк «Алания». Уый тыххæй фехъусын кодтой регионалон æхсæнадон змæлды центр «Северный Кавказ»-æй. Ахæм иртæсæн хатдзæгтæ скæнын бантыст компани «Медиалогия» - йы æххуысæй. Националон парчы æмрæнхъ туристон брендыл нымад æрцыдысты Цъæйгом, Дæргъæфсы зæппæдзтæ æмæ Мидæгрæбинаг æхсæрдзæнтæ. Иртасджыты ныхæстæм гæсгæ, цæгат ирыстонæн ис парахат туристон авналæнтæ. Бæлцæттæ фадат ис ирон культурæ æмæ традицимæ базонгæ уæвын. Абоны бон историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цыртдзæвæнтæ нæ республикæйы ис 1,5 минæй фылдæр, уыдонæй бирæтæн ис федералон нысаниуæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæты хъуыстгонд дæр брендыл 2018 азы Цæгат Ирыстоны нымад æрцыдысты ирон чъиритæ
Категория:
Новости и СМИ