Дзанайты Барис амыдта хицауады æмбырд

«Æрыдон-Красногор-Транскам» фæндаджы 14-æм километры хиды рацарæзтæн регионы хицауад æлхæндзæн, йæ алыварс цы зæххытæ ис, уыдон. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады æмбырды. Ныртæккæ объект ис заууат уавæры. Дзанайты Барис дзуапдæттæг комитетæн бабар кодта хиды рацарæзт афоныл баххæст кæнын. Ныртæккæ та дзы фыдбылыз ма æруадзынæн æмбæлгæ мадзæлттæ аразын. Иу цаума - Цæгат Ирыстоны ныр ис аст сӕйраг хъӕуы. Раздæр уыдысты авд. Районы центртæ - Мæздæг, Æрыдон, Алагир, Цыкола, Елхот, уыимæ хъæутæ Дур-Дур æмæ Нар. Ныр ма хыгъды фæзынд Дигора дæр. Ахæм статусы арæхдæр архайдзæн паддзахадон программæты. Хицауады æмбырды ма снысан кодтой сывæллонæн фæлладуадзæн бынаты иу бон фæуыны аргъ. Ивгъуыд аз сывæллæтты дзæбæхгæнæн кампанийыл схардз кодтой 220 милуан сомæй фылдæр. Ацы аз æхцайы бæрц зынгæ фæфылдæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 459 подписчиков
12+
23 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии