Цæгат Ирыстоны цæуы регионты 'хсæн 8-æм форум «Уæрæсейы тых»
Цæгат Ирыстоны цæуы регионты 'хсæн 8-æм форум "Уæрæсейы тых". Йæ архайджытæ – 80-ы бæрц сывæллоны, сæ кар у 12-æй 14 азы онг. Фæсивæд ссыдысты Хъалмыхъхъ, Хъæрæсе-Черкесси, Ростов, Петербургы облæст æмæ Мæскуыйæ. Къуырийы дæргъы сæм сывæллæтты реабилитацион центр "Тæмискъ"-ы æнхъæлмæ кæсынц тренингтæ, дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, спортивон ерыстæ, квесттæ, сфæлдыстадон æрмадзтæ, уымæй уæлдай, санаторон-курортон дзæбæхгæнæн мадзæлттæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, афтæ æрыгон адæмы 'хсæн парахат кæнынц монон хъæздыгдзинæдтæ æмæ хæрзæгъдау ахуыр. Лагеры сменæ "Уæрæсейы тых" расидт "Фыццæгты змæлд", сывæллоны бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Мария Львова-Белова æмæ Уæрæсейы Рухстауыны министрады Сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны центры хъæппæрисæй.