Æрыдоны районы 4 ахуыргæнæндоны æххæст кæнынц «Каникулярные профориентационные школы» проект

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Æрыдоны районы 4 ахуыргæнæндоны æххæст кæнынц «Каникулярные профориентационные школы», зæгъгæ, проект. Арæзт цæуы национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты. Йæ сæйраг нысан у - скъоладзаутæм фӕкӕсын рагагъоммæ фидæны дæсныйад равзарынмӕ. Уымæн та сын æххуыс кæндзысты, проекты фæлгæты цы уæлæмхасæн ахуыртæ цæуынц, уыдон. Проекты архайджытæ ног зонындзинæдтæ исынц техникон æмæ бæстæзонынады къабæзты. Цæгат Ирыстоны проекты координатор у профессионалон ахуырады ресурсон центр. Арæзт æрцыд Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы бындурыл. Ныридæгæн проекты архайынц 100 скъоладзауы. Фидæны та ма фæнд кæнынц проекты архайынмæ сразæнгард кæнын районы æндæр ахуыргæнæндæттæ дæр, загъта проекты разамонæг Хъалæгаты Марианнæ. Проект арæзт у Уæрсейы ахуырады министрады, стæй гуманитарон технологиты æмæ аивадон сфæлдыстады райрæзты центры хъæппæрисæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv