Транскам æхгæд у уæзласæн машинæтæн
Уæллаг Ларсы фæндаг та боныхъæды аххосæй æхгæд у уæзласæн машинæтæн. Уыдонæй дзы боны 12 сахатмæ сæмбырд 35. Хабары тыххæй фехъусын кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæйæ. Уыцы-иу рæстæг сидынц, хæстæгдæр рæстæг Гуырдзыстонимæ арæны сæрты ахизынмæ чи хъавы, уыдонмæ. Хъуамæ раздæр бæлвырд кæной боны ахасты уавæртæ, æмæ уыдонмæ гæсгæ аразæй сæ балц. Боныхъæд та хæхбæсты тæргайгæнагæй уæлдай нæу. Зæгъæм, абоны хъусынгæнинагмæ гæсгæ, нæ республикæйы уардзæн, ранæй-рæтты тынгдæр, уымæй уæлдай ма баддзæн мигъ. Бонæй уæлдæфы температурæ уыд 0 градусы, хæхты - 4 градусы уазал. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Транскам æхгæд у уæзласæн машинæтæн
Категория:
Новости и СМИ