Хъызлары байгом ног скъола

Сæ ахсджиаг бæллицтимæ фæсивæд арвмæ суагътой дæсгай шартæ. Алкæцы дæр дзы куыд иудзинад æмæ рухс фидæны нысан. Уый фæстæ та кадджын линейкæ, азæлыд фыццаг дзæнгæрæг. Бæрæгбон райдыдта сæумæрайсом: дидинджытæ, æхсызгон фембæлдтытæ æмæ цины æнкъарæнтæ. Фыццагкъласонтæн та ацы бон уæлдай ахсджиаг у. Зонындзинæдты фæндагыл сæ балц райдыдта. Сæ царды æрлæууыдысты ног æмæ ирд къæпхæныл. Сывæллæттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фæндыд тагъддæр партæты уæлхъус сбадын. Сывæллæтты ног уавæртæ дисы æфтауынц. Раздæр ахуыр кодтой фыццæгæм скъолайы. Уый фæстæ сæ раивтой ногмæ. Ныр ам ахуыр кæндзæн 600 сывæллонæй фылдæр. Ног кабинеттæ, коридортæ, ирхæфсæн фæзтæ. Ис дзы хъæугæ ифтонггæрзтæ, актон æмæ тренажертимæ залтæ æмæ рæзты тæлмты кълæстæ. Фæсивæдæн сæ бон уыдзæн ахуыр кæнын алыхуызон здæхтытæм гæсгæ. Медицинон, педагогон, кадетон, арæнхъæхъхъæнæн æмæ ма суанг æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кълæстæ. Афтæмæй ахуырдзаутæн сæ бон уыдзæн рагацау равзарын фидæны дæсныйад, зæгъынц специалисттæ. Кадджын уавæры сывæллæттæ райстой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй лæвæрттæ. Канцелярон æмбырдгæндтæ этникон хуызы. Къоппы ахуырадон æрмæджытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл фыст. Уыимæ ма 46 предметы. Се 'хсæн ахорæнтæ, кърандæстæ, фыстхалæнтæ, цыргъгæнæнтæ. Линейкæйы кадджын уазæг ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ дæр. Кадджын линейкæйы фæстæ скъоладзаутæ абалц кодтой сæ фыццаг уроктæм. Ног скъолайы, куыд сыгъдæг сыфæй, афтæ райдайдзæн сæ ахуырадон цард.

Иконка канала IRYSTONTV
1 450 подписчиков
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии