Чырыстæттæ абон бæрæг кодтой зазхæссæны бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Ацы хат боныхъæдимæ баст нæу, уымæй раст нæхæдæг дæр бафæлладыстæм. Чырыстон бæрæгбоны тыххæй уын радзуринаг стæм. Абон бæрæг кæнынц «Вербное воскресенье» кæй хонынц, уый. Ирон адæм æй зонынц, куыд Зазхæссæн Хуыцаубон. Библимæ гæсгæ, ацы бон Чырысти бахызт Иерусалиммæ, адæм та йын йæ размæ фæндагыл æвæрдтой пальмæйы къалиутæ. Уæрæсейы сæ баивтой зазы къалиутæй. Абон æгас бæстæйы аргъуантæ æмæ кувæндæтты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр, сарæзтой бæрæгбоны службæтæ. Зазхæссæн Хуыцаубоны дины кусджытæ саргъауынц хæрисы къалиутыл. Уырнæг адæм та аргъуыд къалиутæ æрбахæссынц сæ хæдзæрттæм æмæ сæ æфснайдæй фæдарынц афæдзы дæргъы. Зазхæссæн Хуыцаубонæй райдыдта ком дарыны карздæр къуыри дæр - «страстная неделя» кæй хонынц, уый. Фæуыдзæн куадзæны бæрæгбонæй - 28-æм апрелы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Чырыстæттæ абон бæрæг кодтой зазхæссæны бæрæгбон

Категория:

Новости и СМИ