Цæгат Ирыстоны хи куыстыл хæст адæм паддзахадон компанитæн товартæ арвыстой 3,4 милуан сомы аргъæн
Цæгат Ирыстоны хи куыстыл хæст адæм паддзахадон компанитæн товартæ арвыстой 3,4 милуан сомы аргъæн. Ахæм бæрæггæнæн фæнысан кодтой афæдзы фыццаг кварталы. Фарон ацы рæстæгмæ нымæц уыд æрмæст 760 мин сомы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2020-æм азы 1-æм апрелæй хи куыстыл хæст адæмæн хомаг æлхæныны хъуыддаджы сæ бартæ сты куыд чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн, афтæ. Бæстæйы президенты уынаффæмæ гæсгæ, "Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомад" нацон проекты фæлгæты æххуыс кæнынц хи куыстыл хæст адæмæн дæр.