Парти «Иугонд Уæрæсе» йы регионалон хайады депутаттæ æмæ активисттæ расидтысты хæрзаудæн акци
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ æмæ активисттæ расидтысты «Волонтеры-доноры», зæгъгæ, хæрзаудæн акци. Ацы хатт дзы бацархайдтой 30 адæймагмæ 'ввахс. Мадзалы сæйраг нысан донорты змæлдмæ фылдæр æргом раздахын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, парти бахаста хъæппæрис, донорты туг чи исы æмæ дары, уыцы рынчындæттæн фылдæр æхцайы фæрæзтæ дæттын. Федералон бюджеты проекты хæрдзтæн хъæуы миллиард сомæй фылдæр. Уый фадат ратдзæн медицинон æвæрæнты туг 100 мин литры бæрц фæфылдæр кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv