Дондзæуттæ
Бирæ дзуринæгтæ нæм æрæмбырд абон. Фæлæ уал, æрæджы социалон хызæгты цы кадртæ апарахат æмæ дзырддаг цы темæ ссис, уымæй райдайæм. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, цæгатирыстойнаг кæсагахсджытæ сабухтой, Бехъаны цад, дам, чидæр йæхи бакæныны фæнд кæй скодта, уый фæдыл. Уæд цады цур бирæ адæм æрæмбырд, дзырдæппарæн кодтой алырдыгæй. Зæрдæ уын куыд бавæрдтам, афтæмæй мах нæ цæст фæдардтам ацы фарстамæ. Хъуыддаджы лыстæг хабæрттæ базоныны тыххæй Бехъанмæ араст нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Бацæттæ нын кодта цымыдисаг æрмæг. Фæлæ уал уый феныны размæ нæ уацхæссæгæн йæхиимæ аныхас кæндзыстæм. Бехъаны цад у канд Æрыдоны районы нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы цæрджыты уарзондæр улæфæн бынæттæй иу. Кæддæриддæр дзы вæййы бирæ адæм. Уæлдайдæр та сæрдыгон рæстæг. Уæдæ йæм кæсагахсджытæ дæр сæ былыцъæрттæ арæх фæхæрынц. Дæлдон цæрæгойтæй цады æрфытæ сæ тæккæ дзаг сты, æмæ дзы арæх бафæнды искæй уыдонæй саходын. Фæлæ фæстаг рæстæг, хъыгагæн, æппæт адæмæн фадат нал ис цады былтыл сæ рæстæг æрвитынæн. Цад адæм сарæзтой. Кусын йыл райдыдтой 1951 азы. 1954 азы йæ кæсагахсджытæ æмæ цуанонты æхсæнады бæрны бакодтой. Хæрзæрæджы уавæр фæивта, объект ахастой республикæйы æрдз хъахъхъæныны министрады хыгъдмæ. Фæлæ йæ уым чи бамидæг кодта, уый аххосæгтæ бынтон æххæстæй бæрæг нæма сты. Фæлæ æхсæнады уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй закъонмæ гæсгæ ахæм уынаффæ хъуамæ рахастаиккой иумæйаг æмбырды. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрдз хъахъæныны министрады бæрны Бехъаны цад ис 2017 азæй фæстæмæ. Адæм уыцы хабар зонгæ дæр нæ кодтой. Куы йæ базыдтой, уæд та абухынмæ фесты. Уыцы хъуыддагыл кæй зæрдæ риссы, уыдон ивгъуыд сабаты æрæмбырд сты Бехъаны цады цур. Адæм тæрсынц, улæфæн бынатæн хицæн къухтæм бафтынæй тæссаг кæй у, уымæй. Стæй ма сæ ныхæстæм гæсгæ, доны бæрцуаты цур æртæ мæйы размæ фæзындысты хъахъхъæнджытæ дæр. Хуымæтæг адæмæн цадмæ цæуыны бар нал ис. Уыцы хабæрттæ бахæццæ сты районы администрацимæ. Хъуыддагмæ дзы сæ хъус æрдардтой. Тотраты Владиславы ныхæстæм гæсгæ йын, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав цалдæр хатты бафæдзæхста, цæмæй районы уыцы быцæу æргом ныхмæлæудмæ ма расайа. Хъуамæ, дам, кæйфæнды бон дæр уа цады былгæрæттæм цæуын. Уыцы бар æмæ фадатæй цух кæнын никæй хъæуы. Районы администрацийæ уый рох нæу. Нæ республикæйы æрдз хъахъхъæныны министрады куыд зæгъынц, афтæмæй Бехъан сæ бæрны закъонмæ гæсгæ конд æрцыди. Æппæт æмбæлгæ гæххæттытæ дæр сæм ис. Нæ республикæйы исбонады министрадимæ бафыстой бадзырд. Сæ кусджытæ йæм сæ цæст дарынц æппынæдзух. Ныртæккæ Бехъан хауы, уæлдай цæсдард цы æрдзон бынæттæм ис, уыдонмæ. Уымæ гæсгæ йæм министрады бæрны уæвæг кусæндон, «Беркут», зæгъгæ, уый уæнгтæ ам сты æхсæвæй-бонæй. Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй хуымæтæг адæмæн бар ис Бехъаны сæ рæстæг арвитынæн. Сæ рохтыл хæцдзысты, æрмæстдæр æнæзакъонæй кæсаг чи ахсы æмæ цуан чи кæны, уыдонæн. Фидæны йæ куы саив кæной, уæд та дзы улæфыны бар уыдзæнис лæвар. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дондзæуттæ
Категория:
Новости и СМИ