Зымæджы мæйты 47 æм скъолайы агъуыстыты бынтон хъарм нæ уыд
2018 азы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав сфидар кодта æхсæнадон æххуысгæнджыты системæ. Уыдоны хæс у нæ республикæйы цæрджыты фарстатæм сæ хъус дарын, æмæ сæ иуварс кæныныл архайын. Æхсæнадон æххуысгæнджытæ бабæрæг кæнынц нæ республикæйы горæттæ æмæ хъæутæ. Хæрзæрæджы та уыдысты æфсæддон городок Хольцманы. Зымæджы мæйты 47-æм скъолайы агъуыстыты бынтон хъарм нæ уыд. Цæмæн афтæ рауад, уый базонынмæ æхсæнадон æххуысгæнджытимæ аразт не 'сфæлдыстадон къорд дæр. Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы сæумæрайсомæй къамис райдыдта йæ куыст. Скъолайы агъуыстытæ сеппæт иухызон хъарм не сты. Цъæхойты Людмилæ, ахуыргæнæг: «Уынджы уазал куы вæййы, уæд нæ агъуыстыты дæр æнæмæнг уазал вæййы. Змæлгæйæ афтæ бæрæг нæу, фæлæ уроччытæ куы райдайынц, уæд иннæ кълæстимæ абаргæйæ ам зынгæ уазалдæр вæййы. Нæ бæтæрейтæй та иу хъарм кæны, иннæтæ та- уазал сты». Разамындæттæг компанийы бæлвырдæй ницы зæгъынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ, скъоламæ хъарм раттой. Фæлæ бæстыхайы кæмдæр хъамдæр,кæмдæр уазалдæр цæмæн у, уый сбæрæг кæнын сæ бæрны нæу. 27-æм æфсæддон городок сарæзтой немыцæгтæ. Алцыдæр дзы конд у немыцаг домæнтæм гæсгæ, ома хæрзхъæд. Хъармдæттæн системæ дæр немыцаг у æмæ мах специалисттæ йема архайын нæ зонынц. Городочы цæрджытæ цалдæр мæйы тыхсынц уыцы хъуыддагæй. Къамисæн разамынд дæтты нæ республикæйы сæргълæууæджы æхсæнадон æххуысгæнджыты институт. Сæ ныхæстæм гæсгæ, фарста хæстæгдæр рæстæг аиуварс кæнынæн æппæт хъæугæ уавæртæ дæр ис. Хъармгæнæн рæстæджы агъоммæ фарста иуварс конд цæуыннæ нæ æрцыд, уый та бæрæг нæу.Скъолайы разамынды ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы тыххæй нæ республикæйы ахуырады министрадæн афойнадыл фехъусын кодтой. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Зымæджы мæйты 47 æм скъолайы агъуыстыты бынтон хъарм нæ уыд
Категория:
Новости и СМИ