Кафæм æмæ зарæм
Зарын, фæндырыл цæгъдын æмæ латинаг кæфтытæ сахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн "æгасцæуай" зæгъынц Фæсивæды Галуаны. Абон дзы уыд гом дуæртты боны. Сарæзтой йæ бæрæгбоны хуызы - кафт æмæ зардимæ. Цы къордтæ æмæ ансамбльтæ дзы ис, уыдон æрбацæуджыты зæрдæтæ барухс кодтой сæ аивадæй. Фæзыл хъуыст ирон, нырыккон æмæ алы адæмы хæттыты кæфтыты музыкæ. 7-æм скъолайы хъæлдзæг æмæ цыргъзонд фæсивæд та сæ номыртæй бахъæлдзæг кодтой адæмы. Фæсивæды Галуаны методикон кабинетты сæргълæууæг Худиаты Альбинæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы бонмæ сæхи бæстон цæттæ кодтой: æрбахуыдтой хæстæг скъолаты ахуырдзауты, алыварс хæдзæртты цæрджыты, сæ къордтæ кæй зæрдæмæ цæуынц, уыдоны се ппæты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кафæм æмæ зарæм
Категория:
Новости и СМИ