Бирæ нал баззад
Уæрæсейы футболæй хъазджыты иугонд командæйы тренер Черчесты Станислав сбæлвырд кодта национ командæйы номхыгъд. Ацы аз Уæрæсейы цы дунеон чемпионат уыдзæн футболæй уым архайдзысты. Се `хсæн ис цæгатирыстойнæгтæ дæр - Дзæгъойты Алан æмæ Гæбулты Владимир. Зæгъын хъæуы уый æмæ хъыгагæн уыцы номхыгъдмæ нæ бахауд Джанайты Сослан. Сæйраг тренеры ныхæстæм гæсгæ, алчидæр йæхи хорз равдыста, фæлæ, чысыл афæстиат сты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, дунеон чемпионат футболæй цæудзæн 14 июлæй - 15 июнмæ. Уæрæсейаг футболисттæ хъаздзысты Саудаг Аравийы, Египет æмæ Уругвайы игонд командæтимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бирæ нал баззад
Категория:
Новости и СМИ