Адæмон фронты активисттæ 2021 азы куысты хатдзæгтæ скодтой
Адæмон фронты фæсивæдон регионалон къорды раззагдæртæ ацы азы куыстæн скодтой хатдзæгтæ. 2021 аз æнцон нæ рауад. Активисттæ æххуыс кодтой медиктæн. Алкæддæр æрбалæууынц ацæргæ адæмы фарсмæ. Бархионтæ архайдтой егъау экологон проект «Чистая Арктика»-йы, уым æххуыс кодтой. Хъырымы дæттæ куы раивылдысты, уæд уый фæстиуджытæ дæр иуварс кодтой. Активистты иу æнтыстдзинад ма - проект «Тренер»-ы архайд. Йæ райрæзтыл архайын райдыдтой ацы аз. Йæ сæйраг нысан - зын уавæрты цы фæсивæд бахауд, уыдоны социализайыл бакусын. Программæйы фæлгæты сæ æппынæдзух æмхиц кæнынц спортмæ, хæрзаудæн акциты архайынмæ. Фидæн аз фæнд кæнынц сæ архайд рапарахат кæнын, иннæ регионтимæ æмгуыст кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv