Цæгат Ирыстоны цæрæн хæдзæртты æргътæ ныртæккæ абарæн ис егъау горæтты æргътимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

114 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Цæгат Ирыстоны цæрæн хæдзæртты æргътæ ныртæккæ абарæн ис егъау горæтты æргътимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

114 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

114 просмотров

3 года назад

Бæстонæй бацархайдтон уавæр раиртасыныл. Цæгат Ирыстоны цæрæн хæдзæртты æргътæ ныртæккæ абарæн ис егъау горæтты æргътимæ. Æрæджы ма Дзæуджыхъæу бахастой, æппæтæй бæрзонддæр кæм фæцыдысты, ахæм 20 горæты хыгъдмæ. Æдæппæтæй дзы ис æгас бæстæйы 70 горæты. Ахъуыды ма кæнут. Æрмæст афæдзы фыццаг æмбисмæ нæ республикæйы цæрæн хæдзæртты аргъ схызт 9,5 проценты. Æмæ ууыл куы баурæдтаид... Куыннæ, стæй! Иуæй-иу специалистты хъуыдымæ гæсгæ, афæдзы дыккаг æмбисы фатеры иу квадратон метры рæстæмбис аргъ уыдзæн 62,4 мин сомы бæрц. Цæмæн афтæ у, уымæй бафарстам риелтор Пагæты Оледжы. Байхъусæм ма йæм. Эксперты иртæстытæм гæсгæ ис ахæм хатдзæгтæ скæнæн. Хæдзар кæуыл лæууы, уыцы зæххы райдиан аргъ, банчы ипотекæ æмæ æфстау дæттыны системæ, туризм, федералон антимонополон службæйы куыст. Уыдæттæ куы баиу уой, уæд дзыпп равдæлон кæнынмæ адæймаджы бирæ нал хъæуы. Уæдæ уæхæдæг куыд фехъуыстат, афтæмæй адæм дæр кæрæдзимæ кæсынц. "Мæхион мæхи фæуа"-йы ныфсæй ныкъкъуырынц арвыл æмбæлæг æргътæ. Фæлæ диссаг - уыцы фæтк алкæй нæ уромы. Республикæйы фылдæрæй-фылдæр кæнынц ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, фæлæ дзы сæ фатертæн уайтагъд ног хицæуттæ дæр фæзыны. Иудзырдæй, хæдзæрттæн æлхæнджытæ куы нæ уыдаид, уæд сæ аразын дæр ницы пайда у. Æрмæст ацы азы 5 мæймæ республикæйы радтой цæрæн хæдзæртты 261 мин квадратон метры. Уыдонæй хи хæдзæрттæ сты 83,5 мин квадратон метры, бирæфатеронтæ та - 178 мин квадратон метры. Ацы бæрæггæнæнтæ фаронимæ абаргæйæ сты 171% фылдæр!!! Ахæм бæрæггæнæнтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дисы `фтауынц. Риелторты ныхæстæм гæсгæ, æлхæнджытæн сæ фылдæр фатер балхæнынц ипотекæйы фæрцы. Не сфæлдыстадон къорд бацæттæ кодта чысыл æрфарст. Адæм цы зæгъынц, уымæ ма байхъусæм. Банчы `фстæуттæ, кæнæ кредитты нымæц кæй рæзы, ууыл дзурæг сты бæстæйы центрон банчы бæрæггæнæнтæ дæр. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны ипотекон кредиттæ схызтысты 25 процентæй фылдæрмæ. Республикæйы банктæ афæдзы æрмæст фыццаг квартАлмæ радтой 17 млрд соммæ 'ввахс кредиттæ. Уый у 35 проценты фылдæр фароны бæрæггæнæнтæй. Кæронбæттæны бафтаудзынæн уый, æмæ ма цалцæггæнæн æрмæджыты æргътæ кæй рæзынц. Нæ бæстæйы ныхмæ санкцитæ дæр сыл сахадыдтой. Афтæ зæгъынц бæрнон специалисттæ, риелтортæ æмæ эксперттæ. Фидæны цы уыдзæн, уый зын зæгъæн у. Нырмæ та уал - афтæ, Иринæ. Мæ зæгъинæгтæ фесты. Дарддæр дæхæдæг.

, чтобы оставлять комментарии