Афтид армæй афæдзы райдиан
Афæдзы кæрон муниципалон хицаудзинады минæвæрттæ æхцайы номыл ницы фендзысты. Ахæм хъуыдыйыл хæст у республикæйы Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ йæ раргом кодта абоны кусæг æмбырды. Й` архайджытæм премьер-министр фæсидт, цæмæй æмбæлгæ хуызы æмæ уагыл æххæст кæной сæ хæстæ бюджеты раз. Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы районты сæхи `фтиæгты пълан нæ сæххæст кæнынц, афтæмæй та республикæйы бюджетмæ бакув-бакув райдайынц. Уыцы `гъдау Хицауады сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы ферох кæнын. Ныхас ма цыд хъармгæнæн æмгъуыды хатдзæгтыл æмæ фидæнмæ нысæнттыл. Тускъаты Таймураз йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбегæн бахæс кодта, цæмæй æнæрынцойæ йæ хъус дара ацы хъуыддагмæ. Республикæйы районты сæргълæуджыты та бафарстой, ахсджиаг арæзтæдтæ куыд æххæст кæнынц, уымæй. Фæнысан кæнын кæй æмбæлы, уыдоны `хсæн Уыналæй Фыййагдонмæ газуадзæн хæтæл, скъолаты цур фæндæгты ифтонгдзинад, культурæйы хæдзæрттæ, фельдшерон-акушерон пункттæ æмæ `ндæртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Афтид армæй афæдзы райдиан
Категория:
Новости и СМИ