Дыгуры районы фæкæсинаг бинонтæн скъоламæ бацæттæ кæнынæн баххуыс кодтой
Уæдмæ та уал республикæйы скъолатæ цæтт кæнынц ног ахуырадон азмæ. Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы галуаны æрбамбырд сты æнæхъæн районы сабитæ сæ ныййарджытимæ. Ног ахуыры азмæ æххæстæй бацæттæ кæныны фадат фæци бирæсывæллонджын æмæ æххуысцух бинонты сабитæн. Уымæн та сын баххуыс кодтой нæ республикæйы фæллой æмæ социалон райрæзты министрад, хæрзаудæн фондты æмгуыстæй. Скъоламæ дарынæн уæлæдарæс, куыд чызджытæ, афтæ лæппутæн дæр. Хызæнтæ æмæ æппæт хъæугæ фыссæнгæрзтæ. Ахæм æххуысы руаджы сæ къух зынгæ фæрогдæр, зæгъынц, ныййарджытæ. Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы галуаны къах бавæрæн нæ уыд. Æнæхъæн районы сабитæ сæ ныййарджытимæ дзы æрбамбырд сты. 1-æм сентябрьмæ æххæстæй бацæттæ кæныны фадат фæци бирæсывæллонджын æмæ, йæ къух фаг кæмæн нæ амоны, ахæм бинонты сабитæн. Скъоламæ дарынæн уæлæдарæс, куыд чызджытæ, афтæ лæппутæн дæр. Хызынтæ æмæ æппæт хъæугæ фыссæнгæрзтæ. Уый æхсызгон хъуыддаг уыд, куыд сабитæн, афтæ сæ ныййарджытæн дæр. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм æххуысы руаджы сæ къух зынгæ фæрогдæр. Чи-иу æрбацыд культурæйы галуанмæ, уыдонмæ лæмбынæг æргом аздæхтой нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрады кусджытæ. Чи цæмæй фылдæр хъуаг уыдис, уыцы дзаумæттæй сæ сифтонг кодтой. Кæстæр кары сабитæн та балæвар кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ахæм хуызы æххуыс сарæзтой, нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав районы цæрджытимæ куы фембæлд, уый фæстæ. Цæрджытæ рахастой сæ курдиат, ног ахуырадон азмæ сабиты бацæттæ кæнынæн баххуыс кæныны тыххæй. Дыууæ бонмæ нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрад æхсæнадон организациты æххуысæй сæмбырд кодтой æппæт хъæугæ дзаумæттæ. Министрады кусджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй дарддæр дæр районы фæкæсинаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн æххуыс кæндзысты. Алы бинонты курдиатмæ дæр æргом ‘здæхт æрцæудзæнис. Хæстæгдæр рæстæг ма баххуыс кæндзысты, кæмæн æхцайы фæрæзтæй, кæмæн хойраг, кæмæн та- дзаумæттæй. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дыгуры районы фæкæсинаг бинонтæн скъоламæ бацæттæ кæнынæн баххуыс кодтой
Категория:
Новости и СМИ