Цæрæн дзы ис?
Къултæ хъуына, цар тæдзы, пъолтæ ныххауын ввонд. Дзæуджыхъæуы Бзары фырты уынджы æмдзæрæны цæрджытæ фæдисы кæдæм фæцæуой,уый нал æмбарынц. Сæ хæдзар цы минут ныккæлднæн,уый бæрæг нæу. Цæмæн сæвзæрд ахæм уавæр? Цæрджыты курдиатмæ йæ хъус цæуыннæ исчи дары? Уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Ахæм уавæры сты Бзары фырты номыл уынджы фондз уæладзыгон æмдзæрæны абанатæ. Хæдзары цæры 600 адæймаджы. Уæтты цæрынц сывæллонджын бинонтæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уымæл æмæ хъуынайæ къулты астæу фæлæууæн нæй, сæ сывæллæттæ та æппынæдзух кæнынц рынчын. Æмдзæрæныл цæуы 60 азы. Бæстыхай ныззæронд. Кæлæдздзаг уавæры ис. 10 азы размæ адæм бамбæрстой, афтæ цæрæн дарддæр кæй нал ис. Уæдæй абонмæ æххуыс агуыр кæдæм нæ цæуынц ахæм бынат нал баззад. Фæлæ хъæугæ гæххæттытæ райсын сæ къухы не `фты. Цæмæн афтæ уайы, уый бæрæг нæу. Хæдзары ма суанг пъол дæр нытъоныны 'ввонг у. Фæлæ бæстыхай Дзæуджыхъæуы администраци кæлæдздзагыл нæ нымайы. Цæрджытæн сæхи тыхтæй цалцæджы куыстытæ скæнын сæ бон нæу. Разамындæттæг компани дæр хæдзармæ базылынæй зæрдæ нæ вæры. Цалдæр азы размæ дзы базылдысты хæдзары сæрмæ æмæ йæ æддаг бакастмæ. Фæлæ хæдзарæн йæ иннæ фарсыл къул афазис ис. Кæд æххуыс никуыцæй зыны нырма, уæддæр æмдзæрæны цæрджытæ сæ фарстатыл сæ къухтæ нæ ауигътой. Дарддæр дæр æмбырд кæнынц хъæугæ гæххæттытæ, цæмæй хæдзар кæлæдздзагыл банымайой æмæ йæ сцалцæг кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæрæн дзы ис?
Категория:
Новости и СМИ