Сæ райгуырæн бæстæмæ уæлахизимæ сыздæхтысты ирон богæлттæ
Сæ райгуырæн бæстæмæ уæлахизимæ сыздæхтысты ирон богæлттæ. Архайдтой уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон ерысты æрыгæтты хсæн. Чемпионат уыд Болгарийы. Ирыстойнаг спортсментæ сæхи æнтыстджынæй равдыстой. Ерысты архайдтой Уæрæсейы иугонд командæйы. нæ бæстæйæн æрхастой дыууæ сызгъæрин æмæ дыууæ æвзист майданы. Уæлахиздзаутæ систы Засеты Арсæмæг æмæ Тыджыты Сослан. Æвзист майдантæ та райстой Багаты Арслан æмæ Цхуырбаты Батырбег. Спортсментæн æгас цу загътой куыд æмбæлы афтæ æртæ чъирийымæ. Ныр сын бауылæфынæн рæстæг ратдзысты, уый фæстæ та ирон богæлттæ сæхи цæттæ кæндзысты Олимпаг хъæзтытæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæ райгуырæн бæстæмæ уæлахизимæ сыздæхтысты ирон богæлттæ
Категория:
Новости и СМИ