Рынчынтæ ма кæнут
Цæгат Ирыстоны райдыдта вакцинаци кæныны рæстæг. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй прививкæ рагагъоммæ скæнын низ не `руадзынæн тынг ахъаз у. Фыццæгты `хсæн прививкæтæ скодтой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы кусджытæ. Сæ сæргъы сæ разамонæг, Цæгат Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан, афтæмæй. Ныридæгæн уал прививкæтæ 50 кусæгæн скодтой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, скæнæн сæ лæвар. Цæмæй низ адæймагыл ма фæтых уа, уый тыххæй йæ кæнын хъæуы эпидемиологон хæрзвадаты рæстæг. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Ирыстоны æхснырсæгæй арæхдæр рынчын кæнынц фæззæджы кæрон æмæ зымæджы райдиан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Рынчынтæ ма кæнут
Категория:
Новости и СМИ