Ныййарджыты циндзинадæн
Заводскойы фæзынд сывæллæтты рæвдауæндон. Абон кадджын уавæры байгом. Цæрджытимæ йыл иумæ цин кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис дæр. Хъæуы цæрджытæ рæвдауæндонмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Раздæр сæ сывæллæтты кæдæм кодтаиккой, уый сын, уæвгæ дæр, нæ уыди. Сабитæй-иу чи хæдзары уыд, кæй та-иу Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæттæм ластой. Ныр ныййарджытæ уæлдай цин кæнын. Рæвдауæндоны ис 60 бынаты. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæттæн скъолайы агъоммæ рæвдауæндæттæ аразын ахсджиаг хъуыддаг у. Бæстыхай сцæттæ кодтой афæдз æмæ `рдæгмæ. Арæзтадон куыстытæм лæмбынæг йæ хъус дардта Æлбегаты Барис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ныййарджыты циндзинадæн
Категория:
Новости и СМИ