Æнæнхъæлæджы цауты министрад бæрæг кæны йæ 30 азы юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Ацы аз Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрад бæрæг кæны йæ юбилей. 30 азы дæргъы ирвæзынгæнджытæ кусынц æнæнхъæлæджы уавæрты. Алы къорд дæр сæрыстæр у хъаруджын æмæ ныфсхаст адæмæй. Ныртæккæ сæ бæрны ис нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм техникæ æмæ цæттæгонд специалисттæ. Бахъахъхъæдтой æмæ фервæзын кодтой мингай адæмы. Æнæнхъæлæджы цауты министрады радон ахуыртæ. Зынгхуыссынгæнджытæ цæттæ сты: æнæнхъæлæджы цаутæм, зынгсирвæзтытæм, фæндаггон фыдбылызтæм æмæ донивылдыдтæм. 2018 аз майы мæй. Уæд Цæлыкк бахауд æрдзон фыдбылызы азары. Донивылдыдтæ цæрджытæн стыр зиан æрхастой. Хъæуы цæрджытæ уыцы бонтæ хорз бахъуыды кодтой. Уæд донивылдыдты хъыгдæрд баййæфтой 47 хæдзары. Адæм иунæг нæ уыдысты. Æххуысмæ сæм сæм æрбацыдысты ирвæзынгæнджытæ. Æдæппæтæй 150 адæймаджы. Уыимæ ма сæрмагонд техникæйы 20 иуæджы. Уæд зынгхуысджыты сæйраг куыст уыд хæдзæрттæй дон цъирын. Ацы зынгсирвæзт та ив гъуыд аз августы æрцыд. Дзæуджыхъæуы ссыгъд раздæры хуыйæн фабрикæ. Æмæ та ногæй зынгуыссынгæнджытæ сæ цард æнæ æвгъау кæнгæйæ арты æвзæгтимæ тох кодтой. Адæмæн хъайтартæ сты, фæлæ ирвæзынгæнджытæ сæхæдæг куыд дзурынц, афтæмæй, уый нæ куыст у, зæгъгæ.. Ужегаты Тамерлан, куыстуат «Фæндыр»-ы директор: «Цалынмæ дыккæгæм уæладзыгмæ лыгъдтæн, уæд мæ срæмыгъд æрцыд. Хъæдырмæг æмæ бентоны сæстытæ æрхауд. Фæлæ уæддæр рабырыдтæн. Цæрын дæм куы цæуа, уæд хъару дæр разыны». Ацы аз Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрадæн юбилейон у. 30 азы адæмæн æххуыс кæнынц. Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ дæр фæстæдæр нæ фæлæудзысты. Республикæйы æдæппæтæй ис 19 хайады. Уыдонæй 6 сты Дзæуджыхъæуы. Уыдон акæддæр цæттæ сты æнæнхъæлæджы цаутæм. Фæлтæрджын ирвæзынгæнджыты сæйраг хæс - сæ зонындзинæдтæй æрыгон специалисттимæ дих кæнын. 30 азмæ аирвæзын кодтой мингай адæмы цард. Фæлæ зынгуыссынгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæнхъæлæджы цауы баххуыс кæнын алæкæй хæс дæр у. Уазиты Зæлинæ, Плиты Хетæг _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнæнхъæлæджы цауты министрад бæрæг кæны йæ 30 азы юбилей

Категория:

Новости и СМИ