Комитет «Матери Беслана» æрдзырдта ацы аз цы номарæн мадзæлттæ араздзысты, ууыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

«Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ абон сарæзтой сæрмагонд æмбырд. Архайдтой дзы республикæйы мидхъуддæгты министрады æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты службæты минæвæрттæ. Дзырдтой ацы аз цы номарæн мадзæлттæ сараздзысты, уый тыххæй. Уыдонæн скодтой сæрмагонд проект. Æмбырды ныхас цыд йæ ныффидар кæныныл. Ацы аз Беслæны терракты амæттæгты нæмттæ æрымысыны тыххæй сараздзысты ног мадзæлттæ. Арахайдзысты дзы уæд уацары чи бахауд, уыцы сывæллæттæ дæр. Хицæн программæ цæттæ кæнынц 2004 азы тугкалæн цауты хъыгдард чи баййæфта, уыдоны реабилитацийæн. Цы фарстаты тыххæй дзырдтой, уыдоны хсæн ма дзырддаг сси скульптор Михаил Шемякин Беслæны мадæлты комитетæн цы цыртдзæвæн балæвар кодта 2009 азы, уый. Уæд æй Беслæны скъолайы сæвæрын нæ бауагътой. Ныртæккæ ис Цæгат Кавказы Хæххон металлургон институты. Цæмæй йæ, цы бынат ын снысан кодтой, уырдæм фæстæмæ раивой, уый тыххæй æмбырды архайджытæ уынаффæ хастой. Дарддæр Комитеты уæнгтæ фæнд кæныныц Цæгат Ирыстоны ссæргълæууæгимæ фембæлын. Райсом хъуамæ фембæлæм Битарты Вячеславимæ. Уый дæр нæ хъуыддæгтæм йæ ргом здахы. Цы сæрмагонд мадзæлттæ снысан кодтам, уыдонæн нæм хыгъд ис. Йемæ аныхас кæндзыстæм, кæцытæ дзы саразæн ис, уыдоны тыххæй. Ацы аз уæлдай ахсджиаг дæр аз уыдзæн. Уый тыххæй æмæ уыцы æвирхъау цауæй рацыд 15 азы. Уый у куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы æмæ ма æгас дунейы хъыгкæнæн бон. Фæнды нæ цæмæй мадзæлттæ иууылдæр ацæуой æнæн къуылымпытæй æмæ æдасæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Комитет «Матери Беслана» æрдзырдта ацы аз цы номарæн мадзæлттæ араздзысты, ууыл

Категория:

Новости и СМИ