Æнæнхъæлæджы цау
Абоны æнæнхъæлæджы хабарæй уал райдайæм. Райсомы 10 сахатмæ `ввахс Джыккайты Шамилы уынджы машинæтæн цы лæууæн бынат аразынц, уый ныккалд. Æрдæгарæзт бæстыхайæн йе `ртыккаг уæладзыг æрхауд дыккагыл. Уæвгæ та дзы аразинаг уыдысты æхсæз. Уæззау хъуыддаг æрцыд Дзæуджыхъæуы ныгуылæнварс. Хæдтулгæты лæууæн бынат арæзта, цæрæн хæдзæртты къултыл уæлæмæ чи схæцыд, уыцы компани. Бæллæх цæй аххосæй æрцыд, уый нырма иртæстгонд нæу. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæлд æрцыдысты арæзтадон куыстытæ кæныны домæнтæ. Æртæ адæймаджы дзы фæцæфтæ сты, фæхæццæ сæ кодтой рынчындонмæ. Сæ уавæры тыххæй нын радзырдтой дохтыртæ. Æркастыстæм сæм. Дыууæйæн дзы се `нæниздзинады уавæр хуыздæр у, æртыккагмæ зæрдæ тынгдæр æхсайы. Медицинон æгъдауæй сæ цы хъуыдис, уымæй сæм фæкастыстæм. Алы процедурæ дæр скодтам. Иуæн дзы скодтой операци. Сæ цардæн дзы тæссаг никæмæн у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæнхъæлæджы цау
Категория:
Новости и СМИ