Таймазты Артурæн байстой йæ олимпаг хæрзиуджытæ
Таймазты Артур 2012 азы Олимпаг хъæзтыты цы сыгъзæрин майдан рамбылдта, уый йын байстой. Аххосаг дæр сæм разынд - спортсмен, дам, спайда кодта допингæй. Ахæм хъусынгæнинаг фæзынд æппæтадæмон олимпаг комитеты офицалон сайты. 2012 азы Олимпаг хъæзтытæ цыдысты Лондоны. Спортсмен йæ хæрзиуæг рамбылдта 120 килограммы уæзы. Хæцыд Узбекистаны иугонд командæйы. Æппæтадæмон олимпаг комитеты куыд бамбарын кодтой, афтæмæй богалы иртæстыты хатдзæгтæм гæсгæ йын йæ туджы ссардтой, пайда кæнæн кæмæй нæ уыд, ахæм буаргъæдтæ. Сыгъзæрин майдан ныр радтой уæрæсейаг богал Билял Маховæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Таймазты Артуры ма æнæхай фæкодтой, 2008 азы Пекины цы сыгъзæрин майдан рамбылдта, уымæй дæр. Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат куыд зæгъы, афтæмæй ахæм буаргъæдтæй никуы пайда кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Таймазты Артурæн байстой йæ олимпаг хæрзиуджытæ
Категория:
Новости и СМИ