Дашкоф æмæ Илларионовкæйы фæзынд æхсæнадон хиуынаффæйад
Цæгат Ирыстоны рæзы территориалон æхсæнадон хиуынаффæйад. Йæ хъуыды у - ахсджиаг социалон фарстатæ райхалыны тыххæй бынæттон цæрджытимæ æмгуыст кæнын. Æнтыстджынæй афтæ архайынц Кировы районы, Комсомольскæйы хъæуы. Йæ цæрджытæ иумæ æрбангом вæййынц æмæ хъæуы цыдæриддæг риссаг фарстатæ разыны, уыдоныл кусынц. Хъуыддæгтæй цы равдыстой ныридæгæн, уый бирæ. Дашкоф æмæ Илларионовкæ. Комсомольскæйы хъæу дихгонд у дыууæ хайыл. Алы хайæн дæр йæхи хъæуы хицау æмæ йæхи ном. Адих та сæ кодтой, æвæццæгæн, уымæн, цæмæй æнгомдæр æмæ хæлардæрæй цæрой. Æхсæнадон хиуынаффæйад зæгъгæ кæй хонынц, уырыссагау ТОС ам фæзынд афæдз размæ. Бынæттон администрацийы ныхæстæм гæсгæ, ахæм практикæ Уæрæсейы фенæн ис бирæ рæтты. Сæрмагондæй, ахæм хуызы разамындæттæг хиуынаффæйад ис Мæздæджы дæр. Афæдзмæ Комсомольскæйы хъæу йæ хуыз скалдта. Дыууæ æхсæнадон хиуынаффæйады дæр сæ куыст кæнынц бæстон. Сæ хъус дарынц алы хъуыддагмæ дæр. Æмгуыст кæнынц райхалинаг фарстатыл. Мæй сæм дыууæ хатты та сæмбырд вæййынц хъæуы риссаг фарстатыл аныхас кæнынмæ. Иумæйаг архайд хуыздæрырдæм аивта Дашкоф æмæ Илларионовкæйы цард. Цыбыр рæстæгмæ Комсомольскæйы хъæу бафснайдтой быронæй. Æрвылмæй дзы аразынц зиутæ. Дашкъофы хиуынаффæйады разамонæг Æвлохты Валерий куыд зæгъы, афтæмæй, фыццаджыдæр, зæрдæ райы, фæсивæды разæнгард кæнын кæй нæ хъæуы, уымæй. Цырд фæлæууынц алы хъуыддаджы дæр. Æрæджы ныккарстой, 15 азы хæмпæлгæрдæгæй сыгъдæг чи нæ уыд, уыцы уыгæрдæн. Базылдысты уæлмæрдтæм дæр. Комсомольскæйы дыууæ хайы ’хсæн лымæндзинад ныр дисы æфтауы. Хъæуы расидтысты хуыздæр кæрт кæмæн ис уый сбæрæг кæныны конкурс. Уæлахиздзаумæ æнхъæлмæ кæсынц 10 мин сомы. Дыккаг бынат чи райса, уыцы хæдзары бинонтæ фæхъæздыгдæр уыдзысты 5 мин сомы бæрц, æртыккаг бынатæн та йæ зæрдæ балхæндзысты æртæ мин сомæй. Зындзинæдтæ æмæ къуылымпыдзинæдтæ хъæуы æййафынц, фæлæ сæ аиуварс кæныныл сæхæдæг архайынц. Æрæджы республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй хъæуы фæзынд æхсызгондзинад. Сарæзтой дзы сывæллæттæн хъазæн фæзуат. Ацы ран та фидæны йæ дуæрттæ байгом кæндзæн ног спортивон галуан. Сæ хъæуы историмæ ам кæсынц уæлдай зæрдæргъæвдæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг комсомольскæйы хъæуæй хæсты быдырмæ араст 150 адæймагæй фылдæр, 89 фæстæмæ нал сыздæхтысты. Сæ хъæбатырдзинад рох нæу. Рæхджы хъæуы æвæрд æрцæудзæн номарæн цыртдзæвæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дашкоф æмæ Илларионовкæйы фæзынд æхсæнадон хиуынаффæйад
Категория:
Новости и СМИ