Æртæ мин æфсæддонæй фылдæрæн Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæны сарæзтой ахуыртæ
Æртæ мин æфсæддонæй фылдæрæн Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæны сарæзтой ахуыртæ. Уыимæ ма æфсæддон техникæ дæр: артиллерион установкæтæ, сгарæн æмæ радиоэлектронон комплекстæ. Сæ арæхстдзинад дзы æвдисынц радиэлектронон æмæ инженерон æфсады дæлхайæдтæ. Æххуыс сын кæнынц æфсæддон хæдтæхджытæ æмæ ракетон комплекс Искандер, æдæппæтæй техникæйы 500 иуæджы. Ахуырты сæйраг хæс - мæнг знаджы ныббырст бауромын, диверсион-сгарæн къордты æмархайдыл бакусын. Ахуырты фæрцы батальонты къамандыгæнджыты фæлтæрддзинад фæуæлдæр уыдзæн. Æфсæддон ахуыртæ Тарскæйы полигоны цæудзысты 7-æм февралы онг. Уыимæ сгарджытæ Дайраны комы сæхи ахуыр кæнынц хæххон уавæрты æмæ хъæдты сгарæджы куыст кæныныл. Уыимæ куыд хицæнтæй, афтæ къордтæй дæр. Хæххон уавæрты хæцæнгæрзтæй куыд æхсын хъæуы, размæ бырсын куыд хъæуы, уыдæттæ, стæй тактикон æмæ хи æмбæхсыны мадзæлттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æртæ мин æфсæддонæй фылдæрæн Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæны сарæзтой ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ