Цæгат Кавказы федералон фæндæгты 90% цæттæ сты зымæгмæ
Цæгат Кавказы федералон фæндæгты 90% цæттæ сты зымæгмæ. Специалисттæ сбæрæг кодтой сæрмагонд транспорт: митсыгъдæггæнæнтæ, экскаватортæ, бульдозертæ æмæ тракторты уавæр. Федералон фæндæгты æдасдзинад æмæ æнæкъуылымпы куыстмæ кæсдзысты техникæйы 450 иуæджы. Фæндагыл калынмæ бацæттæ кодтой 157 мин тоннæйы змисимæ цӕхх. Æппæт цæттæгæнæн куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты ноябры райдианмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv