Дзанайты Барис æмæ Владимир Надыкто æрдзырдтой Беслæны социалон-экономикон райрæзтыл
Рахизфарсы районы социалон-экономикон райрæзты мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц? Ацы фарстайыл æрдзырдтой премьер Дзанайты Барис æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды бæстæйы президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Владимир Надыкто. Паддзахадон программæтæм гæсгæ, районы цæуы дондæттæн æмæ донуадзæн хæтæлты рацарæзт, тагъд медицинон æххуысы дæлстанцæйы арæзтад æмæ районы поликлиникæйы бындурон цалцæг. Амайынц скъолатæ: 550 бынатæн Беслæны Менделеевы уынгыл, 200 бынатæн - Бруты, уыдонæй уæлдай - сывæллæтты рæвдауæндон Бæтæхъойыхъæуы æмæ музыкалон скъола Беслæны. Цæуынц парктæ аивгæнæн куыстытæ, БМК-йы Фæсивæды галуаны рацарæзт æмæ спортивон комплексы арæзтад Хуымæллæджы. Транспортон инфраструктурæйы къабазы та цалцæггонд цæуынц цалдæр уынджы фæндæгтæ. Хицæнæй ныхас цыд Беслæны генералон пъланы объекттыл. Дзанайты Барис фæнысан кодта, ацы программæйы мадзæлттæ 2024-æм азы кæй сæххæст кæндзысты.