Æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ иуварс кæнынц Æрыдоны
Æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ иуварс кæнынц Æрыдоны. Районы администрацийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй зноны тæрккъæвда æмæ дымгæйы рæстæг асастысты æфсæн æмæ бетонæй арæзт дыууæ цæджындзы æмæ цалдæр бæласы, уый хыгъд хъыгдард баййæфтой электрон тыхдæттæг телтæ. Æнæ рухсæй баззад горæты æмбис, уæдæ сфетофортæ дæр ӕппӕт нæ кусынц. Ныртæккæ бынаты архайынц специалисттæ. Электрон тыхимæ баст къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнынц, ныридæгæн хæдзæртты ногæй дон фæзынд.