Æрвылаз Цъæйы ком бабæрæг кæны бирæ туристтæ
Денджызы æмвæзадæй 1930 метры бæрзонддæр куы схизай, уæд адæймаг цыма зымæгон аргъаумæ бахауы, афтæ кæсы. Бæрзонд хæхтæ, митæй æмбæрзт къуылдымтæ. Кæдæм нæ акæсай алырдыгæй – чи къахдзоныгътыл тезгъо кæны, чи та сноубордыл. Хицæн трассæйыл дзоныгътыл бырынц хæххон курорты чысыл уазджытæ. Цъæйы коммæ ссæуынц Уæрæсейы алы къуымтæ æмæ хæстæг фæсарнтæй. Туристты куы афæрсай Цæгат Ирыстон цæмæ, зæгъгæ, уæд уыцы иу дзуапп раттынц. Сыгъдæг хæххон уæлдæф, зæгъгæ. Алкæйы зæрдæйы дæр баззайы, æрыздæхын кæдæм фæнды, ахæм бынатæ. Ам алыцæдæр зæрдæмæдзæугæ у. Боныхъæд, лæггæдтæ арæзт сты бæрзонд æмвæзадыл. Инструктортæ æппынæдзух цæттæ сты баххуыс кæнынмæ. Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хатт не ссыдыстæм. Ам дæн мæ бинонтæ æмæ сывæллæттимæ. Уыдонæн дæр ам сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Ирыстоны аив бынæттæ туристтæн цымыдисаг сты, йæ æрдзон рæсугъддзинад та сæ дисы æфтауы. Цъæйы цъититæ æмæ къæдзæхтæм кæсгæйæ туристтæм фæзыны уæлмонц æнкъарæнтæ. Кæд ацы сезоны æргътыл гыццыл бафтыд, уæддæр уазджыты нымæц нæ къаддæр кæны. Се 'хсæн Мæскуы, Петербург, Башкортостан, Гуырдзыстон, Казахстаны минæвæрттæ. Уæлдай аргъ та йын кæнынц, зымæгон тæссаг спорты хуызтæ чи уарзы, уыдон. Республикæйы сæ нымæц фæфылдæр. Цъæйы 80% фылдæр сты туристтæ. Иннæтæ та бынæттон цæрджытæ, сæ фылдæр Дзæуджыхъæуæй. Арæхдæр сæ фæллад суадзынмæ Цъæйы коммæ ссæуынц æгас бинонтæй. Кусгæ бонты фæстæ цыбыр рæстæг сæхи аирхæфсынц.Фылдæр фæлварынц зымæгон спорты хуызты, саразынц митын лæгтæ, хъазынц миты къуыбæрттæй. Ам алчидæр йæхицæн зæрдæмæдзæугæ архайд ссардзæн. Рæтæн фæндаджы дæргъ у дыууæ мин метрмæ ввахс. Алчидæр тырны хæхтæ бæрзæндæй фенынмæ, уый фæстæ та митын фæндагыл æрхизынмæ. Интернет дзы ахсы æппæты бæрзонддæр бынаты дæр. Туристтæ уайтагъд сæ телефонтæм февналынц, комкоммæ эфиры ацы алæмæты бынæттæ февдисынц сæ хæлæрттæн, сисынц цымыдисаг къамтæ æмæ видеоæрмæджытæ. Дыууæрдæм фæндагыл бахъæуы 40 минуты. Къахдзоныгътыл, сноубордыл æмæ дзоныгъыл тезгъо кæнын æхсызгон вæййы, фæлæ, æнæмæнг, хъæуы æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Ам уымæ уæлдай бæстон цæстæнгас ис. Цæфтæй хи бахизæн ис сæрмагонд экипировкæйы руаджы. Бынаты йæ ис хаццоны райсæн. Чи фæкæлы, уыдонæн уайтагъд баххуыс кæнынц. Ирвæзынгæнджытæ æппынæдзух рад хæссынц. Ис дзы медпункт дæр. Ног азы размæ хæхты мит ныууарыд. Цъæйы комы туритсттæн сезон байгом кодтой 30-æм декабры. Цас ахæсдзæн, уый нырма бæлвырд нæу. Кæд мит уа, уæд, гæнæн ис, æмæ мартъийы онг къахдзоныгътыл тезгъо кæнæн уа. Афтæмæй ацы рæсугъддзинæдтæ фенынмæ нырма туристтæн ис æртæ мæйы.